Ирыстон амондджын у, «Рæстдзинад æмæ уарзынæй цæрынмæ, уæлхохæй арвмæ зарæгæй нæрынмæ!..» чи ՛рхызт ирон мадæлон æвзаджы рæзтæн, æмæ йæ адæмæн, йæ мыггагæн кад æмæ намыс чи хæссы йæ арфæйаг сфæлдыстадæй, ирон дзырдаивады мæсыгамайджытæй иу чи у, уый - Хуыгаты Сергей. Ирон чиныгы фæрцы цæры нæ фыдæлты аив зæлланггæнаг æвзаг, не 'гъдæуттæ уарзын кæнæм ирон дзырды фæрцы æмæ уый фæдыл Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы æрбамбырд сты Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ, чиныгкæсджытæ, Хуыгаты мыггаджы минæвæрттæ æмæ зонгæтæ Ирыстоны Фысджыты цæдисы хистæр Хуыгаты Сергейы ног чингуыты презентацимæ. Вазыгджын уый уыд æмæ автор кæй уыд сæйраг архайæг ацы фембæлды. Сергейы ног чингуытæ: «Цардысты æмæ уыдысты», «Айсет» (уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй), «Ирон хъисын фæндыр» (англисаг æвзагмæ тæлмацæй) рацыдысты 2026 азы. Алчидæр хъæрмуд ныхас кодта æрмæст чингуыты фæдыл нæ, фæлæ сæ авторы тыххæй дæр. Ирон фæндыры цагъд æмæ зардæй та фембæлд ацыд уæлдай цинæфсæстæй. Дагестан æмæ Хуссар Ирæй нæм цы буц уазджытæ уыд, уыдон разыйæ баззадысты, сæ цины монцтæ æргомæй дих кæй кодтой авторимæ. Ацы чиныджы бæрæгбоны алчидæр зæрдылдарынæн райста авторæй йæ къухфыстимæ чиныг.
Сергей у дуджы айдæн æмæ йæ уацмысты дæр уымæн æвдисы дуджы риссагдæр фарстатæ.
Дæ ном – сыгъдæг, Ирадæмæн – зындгонд,
Ды хъарм цæстæнгас дарыс цардмæ.
Дæ фыстытæ, нæ адæмæн нывонд…
Уыныс, хæххон цæргæсау дардмæ.
#МБУКЦБСВладикавказа #ЦГБ #новинки #библиотека #книги