Гӕрисаты Азӕ:
🍁
Фӕззыгон хур йӕ сызгъӕрин тынтӕй алыхуызон нывтӕ уафы.
Нӕ рӕвдауӕндоны нӕ зынаргъ Хетӕгкаты Къостайы 167-азы бӕрӕгбонмӕ сӕмбӕлдысты уазджытӕ: ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ, райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕ.
Хъомылгӕнджытӕ Тогойты М. ӕмӕ Абайты О. равдыстой презентаци "Нӕ уарзон Къоста!", ахъазыдысты дидактикон хъӕзтытӕй:"Ирон дарӕсы нывтӕ" ӕмӕ "Джигиты худ".
Сывӕллӕттӕ радзырдтой Хетӕгкаты Къостайы фыст ӕмдзӕвгӕтӕ: "Зӕрватыкк", "Дзывылдар", "Кӕмӕн цы", "Фӕззӕг" ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Азарыдысты зарджытӕ. Хозиты М. фӕндыры цагъдмӕ кафыдысты хонгӕ кафт.
Кӕстӕр къорды сабитимӕ ӕрбацыд Гино. Ахъазыд семӕ хъазтӕй "Гӕды ӕмӕ мыстытӕ". Хъомылгӕнӕг Джаджиты М. равдыста сабитӕн Къостайы конд нывтӕ.
❤️ "Мах уарзӕм Къостайы!"-дзырдтой сабитӕ.
Ацы бӕрӕгбон Хетӕджы фырты уӕрӕх курдиаты руаджы ирон зӕрин-зӕл дзырд ныххызт нӕ кӕстӕр фӕлтӕры зӕрдӕтӕм!
Дзӕбӕхӕй бахъомыл уӕнт!
Рӕсугъд уӕд сӕ фидӕн Ирыстоны хъӕбултӕн!