Загружаем изображение…
Нæ зынаргъ бафысджытæ.
Базонгæ yæм!
Журнал «Ногдзау»-ы редакцийы кусджытæ.
Райдайæм!
Дзасохты Музафер.
Музафер у поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, публицист, Уæpæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Балинтæ Балашшийы номыл Æппæтадæмон премийы лауреат, журнал «Ногдзау»-ы бирæ азты сæйраг редактор, ныр - хæдивæг.
Райгуырд 1937-æм азы тъæнджы мæйы 10-æм бон Цæгат Ирыстоны, Бæрæгъуыны (Красногор) Дзасохты Созырыхъо æмæ Хосаты Веринкайы хæдзары.
Раджы баззад сидзæрæй. Йæ фыд Созырыхъо нал сæздæхт Фыдыбæстæйы стыр хæсты быдырæй, йæ мад Веринка та йæ цардæй ахицæн 1954 азы.
1952-æм азы каст фæци Бæрæгъуыны авдазон скъола æмæ бацыд сæ сыхаг хъæу Николаевскы станицæйы астæуккаг скъоламæ. Каст æй куы фæцис, уæд 1955-æм азы йæ ахуыр адарддæр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны педагогон институты. Уый фæстæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы литкусæгæй, сæрмагонд уацхæссæгæй, культурæйы хайады сæргълæууæгæй. 1971-1973-æм азты йæ арвыстой Мæскуымæ Уæлдæр партион скъоламæ. Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ, уыцы-иу рæстæг куыста Горькийы номыл Литературон институты хистæр ахуыргæнæгæй.
Йæ фыццаг æмдзæвгæ «Фæззæг» фæзынд 1954 азы Æрыдоны районы газет «Ленинон»-ы.
Йæ поэтикон уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Фыды фарн» федта рухс 1964-æм азы. Алы азты йын рацыд поэтикон æмбырдгæндтæ – «Ракæндзынæн дын мæ зарæг» (1968), «Зæххы уæз» (1973), «Иры дзыхъхъ» (1984), «Уыцы боны фарн» (1996), «Зонд æмæ амонд» (2011) æмæ æнд.
Ратæлмац кодта Омар Хайямы рубаитæ, Шекспиры сонеттæ æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ.
Ныры онг кусы журнал «Ногдзау»-ы.