Новое Распределяем каналы MAX по категориям и территориям. Читать новость

Аллы мыггаджы дӕр хъуамæ уа «Мыггаджы Ныхас». ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы…

Аллы мыггаджы дӕр хъуамæ уа «Мыггаджы Ныхас». ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы Сæрдар Хадыхъаты Азæмæт æмæ йæ хæдивджытæ æрдзырдтой хæстæгдæр рæстæг цы фӕрстытыл хъæуы бакусын, ууыл. Сæйраг фӕрстытӕй иу у наркоманийы ныхмæ тох, уый фæдыл бӕрнон æмвæзадыл арæзт цæуы куысты фæтк, «Ныхас»-ы Сæрдар Хадыхъаты Азæмæты хъӕппӕрисӕй. Ноджы ма арæзт уыдзæн иу сæрмагонд къорд, кæцы бакусдзæн Хъырымы музейты хæзнатæ - скифаг сызгъæрины ӕцӕг номхуынд, бахъахъхъæныныл. ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы хъæппæрисæй, саразын хъæудзæн конференци. Ацы бæрнон фӕрстытӕ равзарынӕн дзуапп дæтты «Æмбæстонтимæ куысты комитет»-ы сæрдар Саулаты Валери.
ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы комитеты сæрдары хæдивæг æмæ «Мыггæгты Ныхастимæ куысты» комитеты сæрдар Æгкацаты Юри бахаста фæндон Паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проекты райстмӕ дарддæр дæр цæст дарын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы хъæппæрисæй ацы фӕрстытыл бакуыстой бæрнон адæм æмæ йыл парламенты уæнгтæ фыццаг бакасты схъæлæс кодтой. Фæлæ кæронмæ фарст лыггонд нæма 'рцыд.
Просмотры: 28
Открыть в MAX Сообщить о неточности

Сообщить о неточности

Опишите, что нужно исправить. Если есть источник, добавьте ссылку.

Вы покидаете datool.ru

Ссылка ведёт на внешний сайт. datool.ru не отвечает за его содержимое — проверьте адрес, прежде чем вводить пароли или платёжные данные.

Переход через 10 с

Перейти